Загрузка...

AI-разбор доступен после входа

Суть книги, пересказ, главный конфликт, ключевые идеи, вывод, кому полезна, главные темы, персонажи и цитаты можно получить после входа в BookRa.

auto_awesomeПолучить AI-разбор

О книге

Коста Хетагуров считается основоположником литературного осетинского языка. В 1899 году он выпустил поэтический сборник «Осетинская лира», в котором, среди прочего, были впервые опубликованы стихи для детей на осетинском языке.

Дата написания1970-01-01
Язык книгиru
Возрастное ограничение12+

Читать онлайн

Страница 5 из 8

Æрра фыййау

Раджы хохы цъуппæй касти Иу æрра фыййау, Мигъ æнгом йæ быны бадти, Урс цагъд къуымбилау. Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, — Тæккæ былгæрон, Дурыл авæрдта йæ къæхтæ: «Агæпп æм кæнон, — Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ Хизæд уæзæгыл, Æз фæхуысдзынæн изæрмæ Уыцы бæмбæгыл…» Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, — Гъопп! – зæгъгæ, йæхи Пуртийы зыввытт фæласта… Лæг ныххæррæгъ и!

Булкъ æмæ мыд

Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы – иу йæ цуры бафау! Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау! Хорз æфсин цы нæ хæринаг Авæрдзæн лæгæн йæ разы! — Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй Бирæ кад дæттын фæразы… Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ Алы ран сæхи ыстауынц, Загъдкæнынц, сæ кæрæдзийы Уазæджы цæстмæхъус фауынц. Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! — Уазæг дæр цæ буц у, Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, — Тайтма дæ хæрынц, – ныхъхъус у! Булкъæн та æппын цæсгом нæй! — Фаджысдон кæны къæбицæй, Судзы ком, уæддæр дын искæй Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!. Иу фынджы рагъыл та иу хатт Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!.. Уайтагъд та йæхи фæсфæдты Мыдмæ баластахæстæгдæр… – Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, — Загъта, – диссаг дæн, æрбалæу… – Гъе, смаггæнаг! – мыд фæмæсты. Ныр цы мæткæныс мæ бæсты, Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..

Халон æмæ рувас

Цæстмæхъус ныхас Фыдбылыз хæссы… Хуыснæггаджы бас Фу-фуйæ сысы… Кæмдæр та халон — Цыма дзы хъалон Нæ фыййау дардта — Цыхты къæртт ссардта. Бæласы цонгыл Цæргæсау сбадти, Йе сæфты стонгыл Ныр диеæй марди. Зæрдæхъæлзæгæн Тæрхæттæ кодта Æмæ фыдæнæн Иæ цыхт нæ хордта. – Цæй, ныр æвналон, — Фæзæгъы халон, Фæлæ та 'взары, — Цыхт дзыхы дары… Уæд дын æм рувас Кæцæйдæр рауад… Уайтагъддæр минас Йæ фындзыл ауад. Цæст андæгъд цыхтыл… Иæ къахы æлгътыл Дæрдты æрзилы, Иæ къуди тилы… Нæ рагон фыдсыл Нæ зоны бæгуы! — Мæ хуры чысыл, Куыд рæсугъд дæ, куы! — Бынæй йæм дзуры, — Уындæй дæ цуры, Дæ фæхъхъау фæуон, Кæмæй раппæлон?!. Дæ даргъ дæллагхъуыр, Дæ сау базыртæ, Дæ диссаджы гуыр, Дæ худгæ—былтæ!.. Æххæст ма зарын Куы зонис, уæд дæ Паддзахæн дарын Фæразид зæрдæ… Æфсæрмы ма кæ, Мæ уды гага, — Дæ зарæг акæ!.. Нæ халон «хъа, хъа!» Зæгъгæ, фæкодта Йæ хъæлæсы дзаг… Паддзахгæнæггаг Кæйдæр цыхт хордта Нæ гæды рувас, — Ды та уал уым уас!..

Бирæгъ æмæ хърихъупп

Алчи зыдгæнæджы Бирæгъ фæхоны. Бирæгъ зыд кæй кæны, — Чидæрид зоны… Раджы та иу бирæгъ Нард хæдмæл хордта, Афтæмæй адæмæн Тугуарæн кодта. Диссаг æвналынмæ, — Цас ын æнтысти! Уалынмæ уæныстæг Хурхы нынныхсти. Атылди, адаргъ и, Нал уыд йæ сæрæн… Амонд йæ хъахъхъæнæг Ахæм æвзæрæн! Хърихъупп хæстæджыты Донбылтыл зилы… Бирæгъ йæ цыппæртæ Хърихъупмæ тилы. – Ай та цы диссаг у? — Рагæй æрæгмæ Никуы мæм бабæллыд Бирæгъ хæстæгмæ… Хърихъупп фæзæрдæлхæд, Абадт йæ цуры: – Цæй-ма, цы мæ кæныс?.. Сырд ма кæм дзуры! Иу цæст ма фезмæлыд, Иннæ ныдздзагъыр… Хърихъупп цæстæнгасыл Рагæй уыд ахуыр, — Бирæгъы хъæлæсы Фатау фæцавта Даргъ бырынкъ, афтæмæй Уæныстæг сдавта. Бирæгъ ысулæфыд… Фервæзт нæ рынчын!.. Хърихъупп æм бадзырдта: – Цæй-ма, мæ мызд мын! Сырд дын фæхъæрласта: – Гъæ, дзæгъæлхæтæг! Гас мын кæй баззаддæ Абон дæхæдæг! Бузныг цæуылнæ дæ, Гайтма мæ дзыхæй Де взæр лæгуын къоппа Райстай дзæбæхæй?!. Барст дын уæд ацы хатт, Ацы тыхтона! Искуы ма фембæлæм, — Додой дæ къона!

Хъазтæ

Дæ фыдæлтæ рухсаг, Дæхæдæг мын бæзз! Ныртæккæ уын диссаг Æрхæсдзынæн æз. Фæрссаг лæг, дыгурон, Йæ хъазтæ уæймæ Фæцæйтардта иу бон Æлдары хъæумæ. Цыма цæ фæдисæй Ыскъæры, тындзы Æмæ цæ йæ уисæй Æнæвгъау хынцы. Æрбаййæфта хъазты Уæд иу дардбæстаг. Нæ хъазтæ сæ масты Фæкодтой хъæстаг: – Ныллæу нын тæрхоны, Дæ Хуыцаумæ скæс!.. – Мæгуыр лæг цы зоны? – Нæй, нæй дын фæрæз!.. Æрлæууыд сæ астæу… Фæрсы цæ: зæгъут! – Хуымæтæджы хъазтау Нын ласы нæ уд. Æнтæфæй нæ мары, Уæлдай та нæ над!.. Æрдумæ нæ дары Нæ фыдæлты кад. Нæ фыдæлты руаджы Нæ бабын ис Ром… – Уый фехъуыстам раджы, Нæу сусæг сæ ном… Уæхуыддæг, уæхуыддæг Цæмæй хорз ыстут? – Фæмæлæм, мæгуыртæг, — Кæм ма ис рæстуд? — Нæ фыдæлтæ чи сты, — Нæ зоныс, сæрæй? – Уæхицæй уæм исты Æппæлинаг нæй? – Нæ фыдæлтæ раджы… – Уый фехъуыстон, гукк!.. – Нæ фыдæлты руаджы… – Уæхуыддæг цы стут? Цы равдыстат кадæн, Зæгъут – ма уæддæр? — Мах?.. Ницы!.. – Æрра дæн, Фæрсын уæ æз дæр! Уæ фыдæлты хорз кой Мыггагмæ цæрæд! Куывдтæ—иу цын кодтой, Сæ бадæн дзæнæт! Ныр рæстæджы хъазæн Æндæр у йæ кад: Йæ бумбули – базæн, Йæ нард фыд – бæркад. Нæ хъазты ныхасæн Бæргæ ис кæрон, Фæлæ искæй хъазæн Æгæр хъыг куы уон!..

Саг æмæ уызын

Тар хъæды иу саг, пырхкалгæ йæ уæнтæй, Уынæргъгæ уади, – йегар æй сырдта… Доны былмæ ма ныййирвæзт фыдбонтæй, Ахауди дуртыл… йæ мæлæт зыдта… – Ох-хай, гъе! – радзырдта къутæрæй сагмæ Уызын, – фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй? Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæ Хъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй!.. – Ох-хай, гъе! – сæрджын саг уызынмæ дзуры: Мах саг-мыггагæй уæздандæр нæ уыд. Ныр, кæд дæ хуызæттæ махмæ дæр гуыры, — Афонмæ дæр нæ фæцæгъдын куы хъуыд!..

Страница 5 из 8

Вам также может понравиться

Страница 1 из 16

Назад1216Далее