Удобнее читать в приложении
AI-разбор доступен после входа
Суть книги, пересказ, главный конфликт, ключевые идеи, вывод, кому полезна, главные темы, персонажи и цитаты можно получить после входа в BookRa.
auto_awesomeПолучить AI-разборО книге
Коста Хетагуров считается основоположником литературного осетинского языка. В 1899 году он выпустил поэтический сборник «Осетинская лира», в котором, среди прочего, были впервые опубликованы стихи для детей на осетинском языке.
Дата написания1970-01-01
Язык книгиru
Возрастное ограничение12+
Читать онлайн
Страница 4 из 8Всати
Бирæйы фæфæнды Райсомæй хуыссын… Хур æркаст… нывæнды Хохæй хохмæ тын… Комæй коммæ хъазгæ, Царды хос хæссы… Цард тындзы йæ размæ… Всати ма хуыссы… Всатийæ зæронддæр Дауджытæм кæм и? — Хæхтæй дæр бæрзонддæр Чиу, уый йæ фæци. Мит лæджы цæст сайы, — Схиз æм, уæд – ныхас! — Раст йæ астæу зайы Стыр нæзыбæлас; Дон кæлы йæ рæзты Урс æхсæрдзæнтæй; Цъититæ йæ фæрсты Бадынц их-зæйтæй. Фалæрдæм лæбырынц Сау дуры цæндтæ; Тар хъæдæй нæ зынынц Арф, уынгæг кæмттæ… Урсурсид дзæгъгъатæй Бандæттæ, тæрхæг; Саджы урс сыкъатæй Всатийæн – сынтæг… Арсы хъуын – йæ лыстæн, Тинтычъи – йæ баз… Цæй, хуыссæд! – йæ куыстæн Сæфынæй нæу тас… Авд лæппуйы зилынц Всатийы алфарс, Залмы сыфтæ тилынц, — Бындз нæ уадзынц 'ввахс. Иннæ авд æддæдæр Аходæн фыцынц… Физонæг фæхъæбæр, Фæхсынтæ нæрсынц… – Оф, оф! – загъта Всати, — Арв кæмдæр нæры… Рахъил, дурыл сбадти… Аходæнхæры… Комæй, чидæр зары… Всати 'хсыны агъд… – Чи та нæ хъыгдары? Акæсут-ма тагъд! Дарддзæст лæппу араст Айнæджы былмæ, Къухаууонæй акаст Сау комы бынмæ… – Федтон, – загъта, – диссаг: Комынарæджы Курынц иу мæллæг саг Фараст барæджы!.. Топп – йерæдзыпп, хъримаг, Бæх – саулох бæхтæ… Исты цын хæринаг К'уаид уал цæттæ!.. — – Гъе, 'рра! – Всати загъта, — Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыртæй; Ауадз цæ йæхимæ! — Уый та цæ хынцдзæн, Давæггаг фыдимæ Карз арахъхъ дæддзæн!.. Бирæ нал уыд хурæй… Зарынц та кæмдæр… Дарддзæст лæппу дурæй Акаст та ныр дæр… Авд цуаноны бадынц Айнæджы ныхыл, Тынг хъазуатæй зарынц, Нал хæцынц зæххыл… – О, уæрæйдæ, Всати! Ракæс, рафæлгæс, Бæрзондæй ныллæгмæ Хорз нæ бафæдзæхс! Мах – дæуазæг, Всати, Ды – нæ фæдзæхсæг! Бæрзондæй ныллæгмæ Ракæс, рафæлгæс!.. Дзабыр нæй, – æрчъитæ! Топп рæхсæнтæй баст, Пакахуд нысчъилтæ, Сæр æхсырфæй даст… – Гъе, ныр, гъе, нæхион, — Разын ныр рæдау! Аскъæр цыл нæ сион, Хорз цæ фен, лæгау.
Уæлмæрдты
Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты… Фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты Стырæй, чысылæй, — Уыйбæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ, Уыйбæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ Хохæй, быдырæй… Иунæг лæппу йын уыд сау куырм зæронд фыдæн, Дарын æй байдыдта… Абон йæ сау сынтæн Бахъуыд йæ сагой! Кусынмæ диссаг, æфсымæр æмгаримæ, Уарзон хъæубæсты… Нæ хохæй Уæлладжырмæ Айхъуыст йæ хорз кой. Адджын хæринагæй йе стонг нæ басаста, Усгур лæппуйау дзæбæхæн нæ раласта Цухъхъа йæ рагъæй… Хъал митæ кæнын лæппуйы та ценнæ уыд? — Абоны онг нæм йæ къахыл нæ фендæуыд Дзабыр сæракæй… Абон æм бакæс, – йæхи дын куыд сарæзта! — Нарæг йæ астæу, чындздзон чызгау, балвæста, Алцæмæй ифтонг: Алы рæсугъд дзаума, алы хæрдгæбæстæ… Исчи йæ федта цы искуы хæцæнгæрзтæ Даргæ ныры онг? Раст цыма схъомыл и топпимæ, кардимæ!.. Науæд уæлбæхæй йæ исчи æмгаримæ Федта цы балцы? — Байраг сæ хæдзары никуы уыд, афтæмæй Абадт æввонгæй, рæсугъд ифтонг алцæмæй, Урс бæх йæ разы!.. Сагъæс фæсабыр… Фæхъус æсты устытæ… Мардмæ æрбахæстæг иу лæг… Йæ цæстытæ Нал зынынц чъиуæй. Цæсгом нымпылдтытæ, зачъетæ урс-урсид, Гасæй йæ уæлæ хæлынхуд, кæрцы къæрит… Дис кæнын: чи у ай? Чъизи дæрзæг къухæй цæстысыг асхъаудта, Стæй дзы йæ зачъетæ тонæгау адаудта… Бахæстæг бæхмæ. Радтой йæм идон… Сæ уæлхъус æгуыппæгæй Адæм ныккастæсты иуыл æмхуызонæй Уайтагъддæр зæхмæ… Алæууыд иу дзæвгар лæг дæр зæхмæ кæсгæ, Уыйфæстæ – гъай-дагъа! – райста, дзырдарæхсгæ Диссæгтæ дзурын. Чи ма цæ зоны? Кæд дæм цæ нæ ныффыссон, Ма мæ рахъаст кæ, мæ хæлар, мæ иубæстон, — Дардмæ дæ курын! – Рухсаг у, загъта, цæуыс нæ æххæст лæгæй, Арæзт æппæтæй… Фæцух дæ æрмæст бæхæй, Хорз бæх нæ арынц. Терк-Турчы рæгъаумæ абон фæцыдысты, Зæххæн йæ кæрæтты дардыл æрзылдысты, Алы ран сгарынц: Рахиз фæрсты дзы фæлгæсгæ йæ быдыртæм, Галиу фæрсты та дзы хъахъæнгæ донбылтæм, Никуы 'мæ ницы! Нæй дзы дæ аггаг бæх!.. Уалæ уæларв зæххы, Иу бур айнæджы бын хизынц æртæ бæхы, — Табу йæхицæн! — Уастырджийы æртæ сызгъæрин æфсургъы. Ардыггаг ласай, – йæ зæвæтæй риуыгъы; Фалладжы ласай, — Стонг бирæгъау дæм лæбурдзæн йæ дæндагæй; Астæуыггаг æфсургъ лидзаг у фæндагæй, — Хорæй йæ расай! Арвы Куырдалæгонмæ-иу æй схæццæ кæ! Болат æндонæй дын скæндзæн йæ цæфхæдтæ, Болат зæгæлтæ Фидар йæ сæфтджыты стæгмæ куы ныссадза, Нагъæй æфтаугæ хæрхидон куы сараза, — Гъе, уæд цæттæ дæ! Де фсургъыл дын идон афтаудзæн мæйы фырт, Стæй йыл сызгъæрин саргъ авæрдзæн хуры фырт Ехс дæр дын ратдзæн. Сбад-иу дæ бæхыл! Уырдыджы æнæ цудгæ, Сиргæ тæссæртты, хæрды дын æвæлмæцгæ Бирæ фæуайдзæн. Бафтдзынæ иу ран æртæ фæндаджы ныхмæ… Ма бабæлл дæллагмæ, канд дæр йæ уæрæхмæ, — Туджджынты фæд у! Ма бабæлл уæллагмæ, – тугисджытæм хæссы! Астæуыггагæй дæ бæх дæр куыд нæ тæрсы, Афтæ дæу кæд у? Райс æй дæ фæндагæн!.. Иу йæхсы февзидтмæ Бахæццæ уыдзынæ иу æрдуйы хидмæ, Маргъ ыл нæ тæхы! Армытъæпæнæй чъылбыс-иу куыд фелвæса, Де фсургъы агъдæй та чъепси куыд фесхъиуа, Афтæ цæв бæхы! Мæрдты дуармæ дæ дæ цæстфæныкъулынмæ Баскъæфдзæн де фсургъ раст хураныгуылынмæ… Бакæс-иу 'гъдаумæ! Дуар дын нæ кæндзысты, «аныгуылд хур», зæгъгæ, Ам куыд уыд, уым дæр дæ кувæг – дæхи зæрдæ, — Скув-иу Хуыцаумæ! «О, Хуыцауты Хуыцау! Ме сфæлдисæг Хуыцау! Рауадз, дæ хорзæхæй, хур фæныгуылынау, Хæхтыл дыдзы хур!» Хæхты дыдзы хур дæм уайтагъддæр ракæсдзæн… Мæрдты 'фсæн дуæрттæ дын иу уæйыг бакæндзæн… Фыд, хорз æм ма сдзур! Уырдыгæй фалæмæ зоны дæ фæндæгтæ Хуры фырт. Уый дын ныр дзурдзæн сæ диссæгтæ, Сеппæт, куыд æсты… Къæсæры мидæгæй, – уырдæм ныр бахызтæ, — Иу гадза бастæй. Йæ хуылфæй йæ къæбыстæ Бæхмæ рæйдзысты… – Ай та цы диссаг у? – Дис дæр куыд нæ кæнай? Афтæ цæмæн у? – фæрсдзынæ. – Цæмæн зæгъай? Де мбал дын сиддзæн: – Ай-иу йæ карзæй, йæ налат хуыснæгдзауæй Сæфтмæ æртардта хъæу… Гъе, ныр мæрдты ’гъдауæй Йæ хæстæ фиддзæн. Ацу-иу уырдыгæй!.. Хъуысдзæн дæм алывыд… Лæг æмæ ус хуыссынц… Галдзарм сæ быны тыд, Галдзарм сæ уæлæ. Тонынц сæ иуырдæм, тонынц сæ иннæрдæм, — Не ххæсынц лæгыл дæр, усыл дæр ничердæм. Диссаг та уæлæ! Дис дæр куыд нæ кæнай! – Ай та цæмæн афтæ? Ай та цæмæн зæгъай? Адон сæдæ азтæ Иумæ фæтыдтой, — Гъемæ куыдфæстæмæ ал-райсом, алызæр Тынгдæрæй тынгдæр-иу кодта сæ загъды хъæр, — Фидыд нæ зыдтой; Иргъæвынмæ цæм цыдысты æндæр сыхæй… Гъе ныр мæрдты 'гъдауæй фидынц сæ хæсы хай!.. Ацу та фалдæр! Иу ранæй та дæм æрыхъуысдзæн сусæг дзырд: Лæг æмæ усæн тæрхъусдзарм сæ быны тыд, — Галдзармæй фагдæр! Иннæ тæрхъусдзарм сæ уæлæ æрдыдæгътæ… Диссаг! – зæгъдзынæ та, – ай та цæмæн афтæ? — Ай та, куы зæгъай, — – Адон цæргæ-цæрын уарзтой кæрæдзийы, Ам æй æххæст кæнынц; ам дæр зæрдæмийæ Не сты æнæ хай! Ацу-иу уырдыгæй! Ус лæудзæн хибарæй, — Калмы цъарæй йыл хъуырбæттæн, хæфсы цъарæй Усыл сæрбæттæн… – Ай та цæмæн афтæ? – Ай та, куы бафæрсай, — Барæсчъи даргæйæ сусæгæй бонæн сайд Кодта йæ мæрдтæн! — Ам цын æй фиды ныр… Ацу та! Иу ранæй Згъæлдзæн хуыр: къæдзæхы скъуыдтæ дзы теманæй Иу ус æмпъузы. Ай та цæмæн афтæ? – Ай та кæйдæр лæгæн Дзаума лыстæг хуыдта, ставд та – йæхи лæгæн Гъеныр ам кусы!.. Ацу-иу уырдыгæй! Иу усы риуыл та Зилынц хæд-зилгæйæ стыр куыройы фыдтæ; Хохы дзæгъгъатæ Бонæй, æхсæвæй, æнæ раивадæгæй, Ссынц æмæ се 'ссад нæ кæлы фæлгæтæгæй… Цавæр у ай та? – Ай та куыройгæсæй адæмы къæссатæй Иста æгæр бирæ, давта цын се ссадæй… Давын зын у, цы?!. Ацу-иу уырдыгæй!.. Байхъус æхсæрдзæнмæ: Урс æхсыр къуыстилтæй хохы йас цæхкæрмæ Иу ус фæрсудзы. Гас къæртайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры, — Карчы нæмыджы йас цыхт ын дзы равзæры, — Ай дæр та диссаг! Ай та уæлæуыл æлгъин уыд йæ хъæздыгæй, «Нæи, нæй»-иу кодта, нæ иста йæ хæндыгæй Уазæгæн урссаг. Ацу-иу уырдыгæй! Иу ус дæ хæдразы Иу чысыл къоппæй мæцъисæй нæ фæразы Гуымбыл фæлдахын… – Ай та цæмæн афтæ? – Ай та йæ уæлæуыл «Ис мæм»-иу кодта, нæ уагъта æндæр хъæуыл Уазæг æздахын. Ацу-иу уырдыгæй ноджы хуыздæр бæстæм!.. Иу лæг йæ усимæ иумæ фæрсæй-фæрстæм Бадынц æргомæй; Стыр фынг сæ разы æртасыд йæ фырдзагæй Алы нуазинагæй, алы хæринагæй, Басæй, цæхдонæй, — Иуыл куыд æмбæлы, – нуры, цывзыхъæстæ… Цас дæр дзы хъауынц, – сæ фынг та хæрды фæстæ Свæййы уæззаудæр. – Ай та цы диссаг у? – Адон сæ цæрыныл Цас мæгуырдæр кодтой, уыйас сæ кæрдзыныл Кодтой рæдаудæр. Ацу-иу уырдыгæй! Арф къæдзæхбын мæсчъы Иу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы, – Ай та цы кодта? Ай та сыхагимæ кайаг уыд арæнæй, Иумæййаг зæхх-иу æрбарста мæнг барæнæй, Ард-иу ыл хордта. Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгыл Иу лæджы рихитæ астæумæ кæрдæгыл Стонг гал æууилы… – Ай та цы диссаг у? – гал ма нæ фæхизы Ахæм цъæх кæрдæгыл?!. – Ай та йæ цæдисы Срæстмæйыл зилы: Ай-иу йæхи галæн 'взаргæ хос ракалдта, Цæдисонæн та-иу хъæмпы мур адардта, — Ай дын йæ хабар! Ацу-иу уырдыгæй!.. Фурдæн æй астæу хуыскъ, Карды комæй йæм хид; халоны айчы хъуызг — Лæгæн йæ хæдзар; Судзины бын та дуар 'гасæй йæ хæдзармæ… – Ай та цы диссаг у? – Ай та йæ адзалмæ Царди æмбæхстæй; Уазæг нæ уагъта йæхимæ цæрæнбонты, Сау зæрдæ дардта, фæсырдта йæ бинонты, Амард æлгъыстæй… Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу лæг фæдисаг у: Ихы ныссалди йæ хъуырмæ!.. Цы диссаг у, Цуавæр у ай та? – Ай та æмгары хæдзармæ хъуызаг уыди Алы æнафоны… Гъе 'мæ фæрæдыди… Ай дын йæ пайда! Ацу-иу уырдыгæй! Иу ихын мæсыджы Ихын къæлæтджынты бадынц æртæ лæджы, Их фынг сæ разы; Ихæй сæ лæдзджытæ, галиу сæ ныхæстæ, Их сæрдасæн цын сæ галиу сæрыфæхстæ Роцъотæм дасы. Ай та цы диссаг у? – Адæм сæ тæрхоны Хорзæн-иу равзæрстой алы хатт адоны, Бар цæм-иу радтой. Адон-иу фарсласæн сабийæ таубимæ Кодтой сæ мæнг ардæй, растæн хæрамимæ Иу барæн дардтой. Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгыл Урс æвзист галуаны, урс æвзист тæрхæгыл Баддзысты базтыл Иннæ æртæ лæджы… Де 'мбал цæ хорз зоны: Адон куыд фæрæзтой, афтæ сæ тæрхоны Архайдтой растыл!.. Бирæ дæ нал хъæуы уырдыгæй дзæнæтмæ; Бæхмæ куы февзидай, – иу цæсты тъæбæртмæ Фестдзæн йæ разы. Бæхæй æрхиздзынæ… Бирæ сывæллæттæ Алгъуызон дзауматы, алы азыккæттæ Цъæх нæууыл хъазы… Чи дæ йæ мад хоны, чи дæ йæ фыд хоны, Чи дзы бæгъæввад у, чи та дзы ронбæгъд у, Чи та æнæ худ. Худтæ сæ рæтты тъыст, рæттæ сæ хъуырты 'фтыд, Дзабыртæ – фæдджиты, фæдджитæ сæртыл тыд. Ма цыл-иу бахуд! Алкæй дæр барæвдау! Алкæй йæ дзауматы Сараз, куыд æмбæлы! Семæ-иу дзæнæты Дуаргæрон балæу! Мидæмæ хизын дæ истуг нæ уадздзысты, Сывæллæттæ та цын хизын нæ комдзысты Уырдæм æнæ дæу! Фегом уыдзысты уæд авд сызгъæрин дуары!.. Мæрдты Барастыр дæм ницы рæдыд ары Мæрдты хъуыддагæй… Рухсаг у, рухсаг! Иæ рахиз фарсырдыгæй Нæууыл дæ бадæн!.. Ныр ацыддæ ардыгæй, Нал дæ ныр махæй! Адæм дын абон цы хорз æгъдæуттæ радтой, Ацы дзыллæ дыл цы цæстысыг фæкалдтой, Уый дын æххуысаг! Мады хъæбысау дын адджын уæд ацы зæхх, Уды хæларæй фæлдыст дын уæд ацы бæх. Рухсаг у, рухсаг!.. Дзырд фæци зæронд лæг, айста къух идонæй… «Рухсаг у, рухсаг!» – йæ фæдыл æмхуызонæй Дзыллæтæ загътой… Адæм æрбадтысты мæгуыры хæрнæгыл, Устытæ ма уæддæр судзаджы уæлмæрдыл Хъарджытæ уагътой…
Вам также может понравиться
{"page":{"canonicalUrl":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j","pageTitle":"Ирон фæндыр (Коста Леванович Хетагуров) — полный текст, краткое содержание, анализ и герои","metaDescription":"Полный текст книги «Ирон фæндыр». А также краткое содержание, главные мысли, конфликт, темы, персонажи, цитаты и ответы на вопросы.","headingTitle":"«Ирон фæндыр». Читать бесплатно онлайн","headingSubtitle":"Коста Леванович Хетагуров","structuredData":[{"@context":"https://schema.org","@type":"BreadcrumbList","@id":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j#breadcrumb","itemListElement":[{"@type":"ListItem","position":1,"name":"BookRa","item":"https://bookra.app/"},{"@type":"ListItem","position":2,"name":"стихи и поэзия","item":"https://bookra.app/genre/5267"},{"@type":"ListItem","position":3,"name":"Ирон фæндыр","item":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j"}]},{"@context":"https://schema.org","@type":"WebPage","@id":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j","url":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j","name":"«Ирон фæндыр». Читать бесплатно онлайн","description":"Полный текст книги «Ирон фæндыр». А также краткое содержание, главные мысли, конфликт, темы, персонажи, цитаты и ответы на вопросы.","breadcrumb":{"@id":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j#breadcrumb"},"mainEntity":{"@id":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j#work"},"primaryImageOfPage":{"@type":"ImageObject","url":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/4b68e523-7a7e-11e6-a11d-0cc47a5203ba/thumbs/1200.webp"}},{"@context":"https://schema.org","@type":"Book","@id":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j#work","name":"Ирон фæндыр","url":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j","description":"Коста Хетагуров считается основоположником литературного осетинского языка. В 1899 году он выпустил поэтический сборник «Осетинская лира», в котором, среди прочего, были впервые опубликованы стихи для детей на осетинском языке.","image":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/4b68e523-7a7e-11e6-a11d-0cc47a5203ba/thumbs/1200.webp","inLanguage":"ru","genre":["стихи и поэзия","литература 19 века"],"sameAs":["https://litres.ru/book/kosta-hetagurov/iron-faendyr-21236100/"],"author":[{"@type":"Person","@id":"https://bookra.app/author/ce28568a-f485-11e5-aa9e-0cc47a52085c#person","name":"Коста Леванович Хетагуров","url":"https://bookra.app/author/ce28568a-f485-11e5-aa9e-0cc47a52085c","sameAs":["https://ru.wikipedia.org/wiki/%D0%A5%D0%B5%D1%82%D0%B0%D0%B3%D1%83%D1%80%D0%BE%D0%B2%2C_%D0%9A%D0%BE%D1%81%D1%82%D0%B0_%D0%9B%D0%B5%D0%B2%D0%B0%D0%BD%D0%BE%D0%B2%D0%B8%D1%87","https://www.wikidata.org/wiki/Q368956"]}],"about":[{"@type":"Thing","name":"стихи и поэзия"},{"@type":"Thing","name":"литература 19 века"},{"@type":"Thing","name":"чтение онлайн"},{"@type":"Thing","name":"саммари"},{"@type":"Thing","name":"AI-разбор"},{"@type":"Thing","name":"персонажи"},{"@type":"Thing","name":"цитаты"}],"workExample":{"@type":"Book","@id":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j#edition","url":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j","bookFormat":"https://schema.org/EBook","inLanguage":"ru","sameAs":["https://litres.ru/book/kosta-hetagurov/iron-faendyr-21236100/"],"isAccessibleForFree":true,"potentialAction":{"@type":"ReadAction","name":"Читать бесплатно онлайн «Ирон фæндыр»","target":{"@type":"EntryPoint","urlTemplate":"https://bookra.app/books/4bh7gQ7j","actionPlatform":["https://schema.org/DesktopWebPlatform"]},"expectsAcceptanceOf":{"@type":"Offer","category":"nologinrequired"}}}}],"book":{"idCatalog":762381,"shortId":"4bh7gQ7j","title":"Ирон фæндыр","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/4b68e523-7a7e-11e6-a11d-0cc47a5203ba/thumbs/1200.webp","annotationText":"Коста Хетагуров считается основоположником литературного осетинского языка. В 1899 году он выпустил поэтический сборник «Осетинская лира», в котором, среди прочего, были впервые опубликованы стихи для детей на осетинском языке.","catalogType":"PUBLIC_DOMAIN","catalogTypeLabel":"Общественное достояние","authorLine":"Коста Леванович Хетагуров","authors":[{"id":"ce28568a-f485-11e5-aa9e-0cc47a52085c","displayName":"Коста Леванович Хетагуров","protectedUrl":"/author/ce28568a-f485-11e5-aa9e-0cc47a52085c","wikipediaUrl":"https://ru.wikipedia.org/wiki/%D0%A5%D0%B5%D1%82%D0%B0%D0%B3%D1%83%D1%80%D0%BE%D0%B2%2C_%D0%9A%D0%BE%D1%81%D1%82%D0%B0_%D0%9B%D0%B5%D0%B2%D0%B0%D0%BD%D0%BE%D0%B2%D0%B8%D1%87","wikidataUrl":"https://www.wikidata.org/wiki/Q368956"}],"genres":[{"id":5267,"title":"стихи и поэзия","token":null,"publicUrl":"https://bookra.app/genre/5267"},{"id":5305,"title":"литература 19 века","token":null,"publicUrl":"https://bookra.app/genre/5305"}],"keywords":[],"facts":[{"key":"dateWritten","label":"Дата написания","value":"1970-01-01"},{"key":"bookLanguage","label":"Язык книги","value":"ru"},{"key":"adult","label":"Возрастное ограничение","value":"12+"}],"seoSections":[],"authorSummary":null,"hasArtifacts":false,"canReadInApp":true,"readUrl":"https://web.bookra.app/?startapp=r_762381","artifactsUrl":"https://web.bookra.app/?startapp=b_762381","readCtaLabel":"Читать бесплатно","artifactsCtaLabel":"AI-разбор","appReadLinks":{"tg":"https://t.me/bookra_lib_bot/BookRa?startapp=r_762381","vk":"https://vk.com/app54470698#startapp=r_762381","max":"https://max.ru/id7751370047_bot?startapp=r_762381","web":"https://web.bookra.app/?startapp=r_762381"},"appAnalysisLinks":{"tg":"https://t.me/bookra_lib_bot/BookRa?startapp=b_762381","vk":"https://vk.com/app54470698#startapp=b_762381","max":"https://max.ru/id7751370047_bot?startapp=b_762381","web":"https://web.bookra.app/?startapp=b_762381"},"guestReaderUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=4#reader-content","authorCtaLabel":"Все книги автора","authorProtectedUrl":"/author/ce28568a-f485-11e5-aa9e-0cc47a52085c","readersCount":0,"adultLabel":"12+","yearLabel":null,"datePublished":null,"publisherLabel":null,"isbn":null,"oclc":null,"lccn":null,"partnerUrl":null,"accessNote":"Полный текст книги и AI-разбор откроются на защищенных страницах BookRa после входа."},"reader":{"page":4,"totalPages":8,"hasPrev":true,"hasNext":true,"prevPageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=3#reader-content","nextPageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=5#reader-content","progressLabel":"Страница 4 из 8","sections":[{"id":"content4:0","kind":"heading","text":"Всати"},{"id":"content4:1","kind":"paragraph","text":"Бирæйы фæфæнды Райсомæй хуыссын… Хур æркаст… нывæнды Хохæй хохмæ тын… Комæй коммæ хъазгæ, Царды хос хæссы… Цард тындзы йæ размæ… Всати ма хуыссы… Всатийæ зæронддæр Дауджытæм кæм и? — Хæхтæй дæр бæрзонддæр Чиу, уый йæ фæци. Мит лæджы цæст сайы, — Схиз æм, уæд – ныхас! — Раст йæ астæу зайы Стыр нæзыбæлас; Дон кæлы йæ рæзты Урс æхсæрдзæнтæй; Цъититæ йæ фæрсты Бадынц их-зæйтæй. Фалæрдæм лæбырынц Сау дуры цæндтæ; Тар хъæдæй нæ зынынц Арф, уынгæг кæмттæ… Урсурсид дзæгъгъатæй Бандæттæ, тæрхæг; Саджы урс сыкъатæй Всатийæн – сынтæг… Арсы хъуын – йæ лыстæн, Тинтычъи – йæ баз… Цæй, хуыссæд! – йæ куыстæн Сæфынæй нæу тас… Авд лæппуйы зилынц Всатийы алфарс, Залмы сыфтæ тилынц, — Бындз нæ уадзынц 'ввахс. Иннæ авд æддæдæр Аходæн фыцынц… Физонæг фæхъæбæр, Фæхсынтæ нæрсынц… – Оф, оф! – загъта Всати, — Арв кæмдæр нæры… Рахъил, дурыл сбадти… Аходæнхæры… Комæй, чидæр зары… Всати 'хсыны агъд… – Чи та нæ хъыгдары? Акæсут-ма тагъд! Дарддзæст лæппу араст Айнæджы былмæ, Къухаууонæй акаст Сау комы бынмæ… – Федтон, – загъта, – диссаг: Комынарæджы Курынц иу мæллæг саг Фараст барæджы!.. Топп – йерæдзыпп, хъримаг, Бæх – саулох бæхтæ… Исты цын хæринаг К'уаид уал цæттæ!.. — – Гъе, 'рра! – Всати загъта, — Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыртæй; Ауадз цæ йæхимæ! — Уый та цæ хынцдзæн, Давæггаг фыдимæ Карз арахъхъ дæддзæн!.. Бирæ нал уыд хурæй… Зарынц та кæмдæр… Дарддзæст лæппу дурæй Акаст та ныр дæр… Авд цуаноны бадынц Айнæджы ныхыл, Тынг хъазуатæй зарынц, Нал хæцынц зæххыл… – О, уæрæйдæ, Всати! Ракæс, рафæлгæс, Бæрзондæй ныллæгмæ Хорз нæ бафæдзæхс! Мах – дæуазæг, Всати, Ды – нæ фæдзæхсæг! Бæрзондæй ныллæгмæ Ракæс, рафæлгæс!.. Дзабыр нæй, – æрчъитæ! Топп рæхсæнтæй баст, Пакахуд нысчъилтæ, Сæр æхсырфæй даст… – Гъе, ныр, гъе, нæхион, — Разын ныр рæдау! Аскъæр цыл нæ сион, Хорз цæ фен, лæгау."},{"id":"content4:2","kind":"heading","text":"Уæлмæрдты"},{"id":"content4:3","kind":"paragraph","text":"Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты… Фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты Стырæй, чысылæй, — Уыйбæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ, Уыйбæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ Хохæй, быдырæй… Иунæг лæппу йын уыд сау куырм зæронд фыдæн, Дарын æй байдыдта… Абон йæ сау сынтæн Бахъуыд йæ сагой! Кусынмæ диссаг, æфсымæр æмгаримæ, Уарзон хъæубæсты… Нæ хохæй Уæлладжырмæ Айхъуыст йæ хорз кой. Адджын хæринагæй йе стонг нæ басаста, Усгур лæппуйау дзæбæхæн нæ раласта Цухъхъа йæ рагъæй… Хъал митæ кæнын лæппуйы та ценнæ уыд? — Абоны онг нæм йæ къахыл нæ фендæуыд Дзабыр сæракæй… Абон æм бакæс, – йæхи дын куыд сарæзта! — Нарæг йæ астæу, чындздзон чызгау, балвæста, Алцæмæй ифтонг: Алы рæсугъд дзаума, алы хæрдгæбæстæ… Исчи йæ федта цы искуы хæцæнгæрзтæ Даргæ ныры онг? Раст цыма схъомыл и топпимæ, кардимæ!.. Науæд уæлбæхæй йæ исчи æмгаримæ Федта цы балцы? — Байраг сæ хæдзары никуы уыд, афтæмæй Абадт æввонгæй, рæсугъд ифтонг алцæмæй, Урс бæх йæ разы!.. Сагъæс фæсабыр… Фæхъус æсты устытæ… Мардмæ æрбахæстæг иу лæг… Йæ цæстытæ Нал зынынц чъиуæй. Цæсгом нымпылдтытæ, зачъетæ урс-урсид, Гасæй йæ уæлæ хæлынхуд, кæрцы къæрит… Дис кæнын: чи у ай? Чъизи дæрзæг къухæй цæстысыг асхъаудта, Стæй дзы йæ зачъетæ тонæгау адаудта… Бахæстæг бæхмæ. Радтой йæм идон… Сæ уæлхъус æгуыппæгæй Адæм ныккастæсты иуыл æмхуызонæй Уайтагъддæр зæхмæ… Алæууыд иу дзæвгар лæг дæр зæхмæ кæсгæ, Уыйфæстæ – гъай-дагъа! – райста, дзырдарæхсгæ Диссæгтæ дзурын. Чи ма цæ зоны? Кæд дæм цæ нæ ныффыссон, Ма мæ рахъаст кæ, мæ хæлар, мæ иубæстон, — Дардмæ дæ курын! – Рухсаг у, загъта, цæуыс нæ æххæст лæгæй, Арæзт æппæтæй… Фæцух дæ æрмæст бæхæй, Хорз бæх нæ арынц. Терк-Турчы рæгъаумæ абон фæцыдысты, Зæххæн йæ кæрæтты дардыл æрзылдысты, Алы ран сгарынц: Рахиз фæрсты дзы фæлгæсгæ йæ быдыртæм, Галиу фæрсты та дзы хъахъæнгæ донбылтæм, Никуы 'мæ ницы! Нæй дзы дæ аггаг бæх!.. Уалæ уæларв зæххы, Иу бур айнæджы бын хизынц æртæ бæхы, — Табу йæхицæн! — Уастырджийы æртæ сызгъæрин æфсургъы. Ардыггаг ласай, – йæ зæвæтæй риуыгъы; Фалладжы ласай, — Стонг бирæгъау дæм лæбурдзæн йæ дæндагæй; Астæуыггаг æфсургъ лидзаг у фæндагæй, — Хорæй йæ расай! Арвы Куырдалæгонмæ-иу æй схæццæ кæ! Болат æндонæй дын скæндзæн йæ цæфхæдтæ, Болат зæгæлтæ Фидар йæ сæфтджыты стæгмæ куы ныссадза, Нагъæй æфтаугæ хæрхидон куы сараза, — Гъе, уæд цæттæ дæ! Де фсургъыл дын идон афтаудзæн мæйы фырт, Стæй йыл сызгъæрин саргъ авæрдзæн хуры фырт Ехс дæр дын ратдзæн. Сбад-иу дæ бæхыл! Уырдыджы æнæ цудгæ, Сиргæ тæссæртты, хæрды дын æвæлмæцгæ Бирæ фæуайдзæн. Бафтдзынæ иу ран æртæ фæндаджы ныхмæ… Ма бабæлл дæллагмæ, канд дæр йæ уæрæхмæ, — Туджджынты фæд у! Ма бабæлл уæллагмæ, – тугисджытæм хæссы! Астæуыггагæй дæ бæх дæр куыд нæ тæрсы, Афтæ дæу кæд у? Райс æй дæ фæндагæн!.. Иу йæхсы февзидтмæ Бахæццæ уыдзынæ иу æрдуйы хидмæ, Маргъ ыл нæ тæхы! Армытъæпæнæй чъылбыс-иу куыд фелвæса, Де фсургъы агъдæй та чъепси куыд фесхъиуа, Афтæ цæв бæхы! Мæрдты дуармæ дæ дæ цæстфæныкъулынмæ Баскъæфдзæн де фсургъ раст хураныгуылынмæ… Бакæс-иу 'гъдаумæ! Дуар дын нæ кæндзысты, «аныгуылд хур», зæгъгæ, Ам куыд уыд, уым дæр дæ кувæг – дæхи зæрдæ, — Скув-иу Хуыцаумæ! «О, Хуыцауты Хуыцау! Ме сфæлдисæг Хуыцау! Рауадз, дæ хорзæхæй, хур фæныгуылынау, Хæхтыл дыдзы хур!» Хæхты дыдзы хур дæм уайтагъддæр ракæсдзæн… Мæрдты 'фсæн дуæрттæ дын иу уæйыг бакæндзæн… Фыд, хорз æм ма сдзур! Уырдыгæй фалæмæ зоны дæ фæндæгтæ Хуры фырт. Уый дын ныр дзурдзæн сæ диссæгтæ, Сеппæт, куыд æсты… Къæсæры мидæгæй, – уырдæм ныр бахызтæ, — Иу гадза бастæй. Йæ хуылфæй йæ къæбыстæ Бæхмæ рæйдзысты… – Ай та цы диссаг у? – Дис дæр куыд нæ кæнай? Афтæ цæмæн у? – фæрсдзынæ. – Цæмæн зæгъай? Де мбал дын сиддзæн: – Ай-иу йæ карзæй, йæ налат хуыснæгдзауæй Сæфтмæ æртардта хъæу… Гъе, ныр мæрдты ’гъдауæй Йæ хæстæ фиддзæн. Ацу-иу уырдыгæй!.. Хъуысдзæн дæм алывыд… Лæг æмæ ус хуыссынц… Галдзарм сæ быны тыд, Галдзарм сæ уæлæ. Тонынц сæ иуырдæм, тонынц сæ иннæрдæм, — Не ххæсынц лæгыл дæр, усыл дæр ничердæм. Диссаг та уæлæ! Дис дæр куыд нæ кæнай! – Ай та цæмæн афтæ? Ай та цæмæн зæгъай? Адон сæдæ азтæ Иумæ фæтыдтой, — Гъемæ куыдфæстæмæ ал-райсом, алызæр Тынгдæрæй тынгдæр-иу кодта сæ загъды хъæр, — Фидыд нæ зыдтой; Иргъæвынмæ цæм цыдысты æндæр сыхæй… Гъе ныр мæрдты 'гъдауæй фидынц сæ хæсы хай!.. Ацу та фалдæр! Иу ранæй та дæм æрыхъуысдзæн сусæг дзырд: Лæг æмæ усæн тæрхъусдзарм сæ быны тыд, — Галдзармæй фагдæр! Иннæ тæрхъусдзарм сæ уæлæ æрдыдæгътæ… Диссаг! – зæгъдзынæ та, – ай та цæмæн афтæ? — Ай та, куы зæгъай, — – Адон цæргæ-цæрын уарзтой кæрæдзийы, Ам æй æххæст кæнынц; ам дæр зæрдæмийæ Не сты æнæ хай! Ацу-иу уырдыгæй! Ус лæудзæн хибарæй, — Калмы цъарæй йыл хъуырбæттæн, хæфсы цъарæй Усыл сæрбæттæн… – Ай та цæмæн афтæ? – Ай та, куы бафæрсай, — Барæсчъи даргæйæ сусæгæй бонæн сайд Кодта йæ мæрдтæн! — Ам цын æй фиды ныр… Ацу та! Иу ранæй Згъæлдзæн хуыр: къæдзæхы скъуыдтæ дзы теманæй Иу ус æмпъузы. Ай та цæмæн афтæ? – Ай та кæйдæр лæгæн Дзаума лыстæг хуыдта, ставд та – йæхи лæгæн Гъеныр ам кусы!.. Ацу-иу уырдыгæй! Иу усы риуыл та Зилынц хæд-зилгæйæ стыр куыройы фыдтæ; Хохы дзæгъгъатæ Бонæй, æхсæвæй, æнæ раивадæгæй, Ссынц æмæ се 'ссад нæ кæлы фæлгæтæгæй… Цавæр у ай та? – Ай та куыройгæсæй адæмы къæссатæй Иста æгæр бирæ, давта цын се ссадæй… Давын зын у, цы?!. Ацу-иу уырдыгæй!.. Байхъус æхсæрдзæнмæ: Урс æхсыр къуыстилтæй хохы йас цæхкæрмæ Иу ус фæрсудзы. Гас къæртайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры, — Карчы нæмыджы йас цыхт ын дзы равзæры, — Ай дæр та диссаг! Ай та уæлæуыл æлгъин уыд йæ хъæздыгæй, «Нæи, нæй»-иу кодта, нæ иста йæ хæндыгæй Уазæгæн урссаг. Ацу-иу уырдыгæй! Иу ус дæ хæдразы Иу чысыл къоппæй мæцъисæй нæ фæразы Гуымбыл фæлдахын… – Ай та цæмæн афтæ? – Ай та йæ уæлæуыл «Ис мæм»-иу кодта, нæ уагъта æндæр хъæуыл Уазæг æздахын. Ацу-иу уырдыгæй ноджы хуыздæр бæстæм!.. Иу лæг йæ усимæ иумæ фæрсæй-фæрстæм Бадынц æргомæй; Стыр фынг сæ разы æртасыд йæ фырдзагæй Алы нуазинагæй, алы хæринагæй, Басæй, цæхдонæй, — Иуыл куыд æмбæлы, – нуры, цывзыхъæстæ… Цас дæр дзы хъауынц, – сæ фынг та хæрды фæстæ Свæййы уæззаудæр. – Ай та цы диссаг у? – Адон сæ цæрыныл Цас мæгуырдæр кодтой, уыйас сæ кæрдзыныл Кодтой рæдаудæр. Ацу-иу уырдыгæй! Арф къæдзæхбын мæсчъы Иу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы, – Ай та цы кодта? Ай та сыхагимæ кайаг уыд арæнæй, Иумæййаг зæхх-иу æрбарста мæнг барæнæй, Ард-иу ыл хордта. Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгыл Иу лæджы рихитæ астæумæ кæрдæгыл Стонг гал æууилы… – Ай та цы диссаг у? – гал ма нæ фæхизы Ахæм цъæх кæрдæгыл?!. – Ай та йæ цæдисы Срæстмæйыл зилы: Ай-иу йæхи галæн 'взаргæ хос ракалдта, Цæдисонæн та-иу хъæмпы мур адардта, — Ай дын йæ хабар! Ацу-иу уырдыгæй!.. Фурдæн æй астæу хуыскъ, Карды комæй йæм хид; халоны айчы хъуызг — Лæгæн йæ хæдзар; Судзины бын та дуар 'гасæй йæ хæдзармæ… – Ай та цы диссаг у? – Ай та йæ адзалмæ Царди æмбæхстæй; Уазæг нæ уагъта йæхимæ цæрæнбонты, Сау зæрдæ дардта, фæсырдта йæ бинонты, Амард æлгъыстæй… Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу лæг фæдисаг у: Ихы ныссалди йæ хъуырмæ!.. Цы диссаг у, Цуавæр у ай та? – Ай та æмгары хæдзармæ хъуызаг уыди Алы æнафоны… Гъе 'мæ фæрæдыди… Ай дын йæ пайда! Ацу-иу уырдыгæй! Иу ихын мæсыджы Ихын къæлæтджынты бадынц æртæ лæджы, Их фынг сæ разы; Ихæй сæ лæдзджытæ, галиу сæ ныхæстæ, Их сæрдасæн цын сæ галиу сæрыфæхстæ Роцъотæм дасы. Ай та цы диссаг у? – Адæм сæ тæрхоны Хорзæн-иу равзæрстой алы хатт адоны, Бар цæм-иу радтой. Адон-иу фарсласæн сабийæ таубимæ Кодтой сæ мæнг ардæй, растæн хæрамимæ Иу барæн дардтой. Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгыл Урс æвзист галуаны, урс æвзист тæрхæгыл Баддзысты базтыл Иннæ æртæ лæджы… Де 'мбал цæ хорз зоны: Адон куыд фæрæзтой, афтæ сæ тæрхоны Архайдтой растыл!.. Бирæ дæ нал хъæуы уырдыгæй дзæнæтмæ; Бæхмæ куы февзидай, – иу цæсты тъæбæртмæ Фестдзæн йæ разы. Бæхæй æрхиздзынæ… Бирæ сывæллæттæ Алгъуызон дзауматы, алы азыккæттæ Цъæх нæууыл хъазы… Чи дæ йæ мад хоны, чи дæ йæ фыд хоны, Чи дзы бæгъæввад у, чи та дзы ронбæгъд у, Чи та æнæ худ. Худтæ сæ рæтты тъыст, рæттæ сæ хъуырты 'фтыд, Дзабыртæ – фæдджиты, фæдджитæ сæртыл тыд. Ма цыл-иу бахуд! Алкæй дæр барæвдау! Алкæй йæ дзауматы Сараз, куыд æмбæлы! Семæ-иу дзæнæты Дуаргæрон балæу! Мидæмæ хизын дæ истуг нæ уадздзысты, Сывæллæттæ та цын хизын нæ комдзысты Уырдæм æнæ дæу! Фегом уыдзысты уæд авд сызгъæрин дуары!.. Мæрдты Барастыр дæм ницы рæдыд ары Мæрдты хъуыддагæй… Рухсаг у, рухсаг! Иæ рахиз фарсырдыгæй Нæууыл дæ бадæн!.. Ныр ацыддæ ардыгæй, Нал дæ ныр махæй! Адæм дын абон цы хорз æгъдæуттæ радтой, Ацы дзыллæ дыл цы цæстысыг фæкалдтой, Уый дын æххуысаг! Мады хъæбысау дын адджын уæд ацы зæхх, Уды хæларæй фæлдыст дын уæд ацы бæх. Рухсаг у, рухсаг!.. Дзырд фæци зæронд лæг, айста къух идонæй… «Рухсаг у, рухсаг!» – йæ фæдыл æмхуызонæй Дзыллæтæ загътой… Адæм æрбадтысты мæгуыры хæрнæгыл, Устытæ ма уæддæр судзаджы уæлмæрдыл Хъарджытæ уагътой…"}],"toc":[{"id":"content0:0:1","label":"Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста ИРОН ФÆНДЫР","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:1:1","label":"Ныстуан","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:3:1","label":"Сагъæс","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:5:1","label":"Ныфс","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:7:1","label":"Гъæй, джиди!","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:9:1","label":"Азар!","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:11:1","label":"Фесæф!","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:13:1","label":"Зонын","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:15:1","label":"Тæхуды","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content0:17:1","label":"Хæрзбон!","page":1,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j#reader-content"},{"id":"content1:0:2","label":"Мæгуыры зарæг","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content1:2:2","label":"Мæгуыры зардæ","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content1:4:2","label":"А-лол-лай!","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content1:6:2","label":"Марды уæлхъус","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content1:8:2","label":"Ракæс!","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content1:10:2","label":"Æнæ хай","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content1:12:2","label":"Æнæ фыййау","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content1:14:2","label":"Салдат","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content2:0:2","label":"Додой","page":2,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=2#reader-content"},{"id":"content2:2:3","label":"Катай","page":3,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=3#reader-content"},{"id":"content2:4:3","label":"Сидзæргæс","page":3,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=3#reader-content"},{"id":"content2:6:3","label":"Хъуыбады","page":3,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=3#reader-content"},{"id":"content3:0:3","label":"Чи дæ?","page":3,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=3#reader-content"},{"id":"content4:0:4","label":"Всати","page":4,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=4#reader-content"},{"id":"content4:2:4","label":"Уæлмæрдты","page":4,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=4#reader-content"},{"id":"content5:0:5","label":"Æрра фыййау","page":5,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=5#reader-content"},{"id":"content5:2:5","label":"Булкъ æмæ мыд","page":5,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=5#reader-content"},{"id":"content5:4:5","label":"Халон æмæ рувас","page":5,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=5#reader-content"},{"id":"content5:6:5","label":"Бирæгъ æмæ хърихъупп","page":5,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=5#reader-content"},{"id":"content5:8:5","label":"Хъазтæ","page":5,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=5#reader-content"},{"id":"content6:0:5","label":"Саг æмæ уызын","page":5,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=5#reader-content"},{"id":"content6:2:6","label":"Марходарæг","page":6,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=6#reader-content"},{"id":"content6:4:6","label":"Ахуыр","page":6,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=6#reader-content"},{"id":"content6:6:6","label":"Рувас æмæ зыгьарæг","page":6,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=6#reader-content"},{"id":"content6:8:6","label":"Лæг æви ус","page":6,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=6#reader-content"},{"id":"content7:0:7","label":"Лæскъдзæрæн Аргъау","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content7:2:7","label":"Гино","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content7:4:7","label":"Скъолайы лæппу","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content7:6:7","label":"Фыдуаг","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content7:8:7","label":"Кæмæн цы","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content7:10:7","label":"Уасæг","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content8:0:7","label":"Лæгау","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content8:2:7","label":"Дзывылдар","page":7,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=7#reader-content"},{"id":"content8:4:8","label":"Зæрватыкк","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:6:8","label":"Цъиу æмæ сывæллæттæ","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:7:8","label":"Сывæллæттæ","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:9:8","label":"Цъиу","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:25:8","label":"Уалдзæг","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:27:8","label":"Сæрд","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:29:8","label":"Фæззæг","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:31:8","label":"Зымæг","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:33:8","label":"Сæрдыгон къæвда","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"},{"id":"content8:35:8","label":"Дыууæ халоны","page":8,"pageUrl":"/books/4bh7gQ7j?page=8#reader-content"}]},"similarBooks":[{"idCatalog":790737,"shortId":"4RcZCojz","title":"Демон","authorLine":"Михаил Юрьевич Лермонтов","primaryAuthorId":"41b1c20d-2a83-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/a82bcf47-1d6a-102c-96f3-af3a14b75ca4/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/4RcZCojz"},{"idCatalog":765766,"shortId":"3jecxlT2","title":"Маленькие трагедии","authorLine":"Александр Сергеевич Пушкин","primaryAuthorId":"fec2b083-2a80-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/d73eb8c3-d8d4-4514-ac29-9d37b8589937/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/3jecxlT2"},{"idCatalog":789756,"shortId":"36MsrT3S","title":"Руслан и Людмила","authorLine":"Александр Сергеевич Пушкин","primaryAuthorId":"fec2b083-2a80-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/87bf07eb-fb4e-102b-99a2-0288a49f2f10/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/36MsrT3S"},{"idCatalog":763116,"shortId":"14A7L9Gk","title":"Сказка о рыбаке и рыбке","authorLine":"Александр Сергеевич Пушкин","primaryAuthorId":"fec2b083-2a80-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/651f43bd-7a89-11e2-8da2-002590591dd6/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/14A7L9Gk"},{"idCatalog":785500,"shortId":"0Qqe0R8c","title":"Басни","authorLine":"Иван Андреевич Крылов","primaryAuthorId":"77e4adf5-2a93-102a-9ac3-800cba805322","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/09986603-a2ad-4b06-8940-4856e538623f/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/0Qqe0R8c"},{"idCatalog":334893,"shortId":"4BOV9WJv","title":"Цветы Зла","authorLine":"Шарль Бодлер, Эжен Десизи, Антуан Жорж Рошгросс, Владимир Александрович Дроздков, Вадим Габриэлевич Шершеневич","primaryAuthorId":"673a366f-2a93-102a-9ac3-800cba805322","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-litres-public/content/55d8d681-7fef-11ea-9c12-0cc47a5f3f85/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/4BOV9WJv"},{"idCatalog":787015,"shortId":"2xAcMaEj","title":"Кому на Руси жить хорошо","authorLine":"Николай Алексеевич Некрасов","primaryAuthorId":"eddc7679-dd17-102a-94d5-07de47c81719","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/383dd80d-0860-102c-8d0d-93418d0056af/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/2xAcMaEj"},{"idCatalog":765812,"shortId":"25ZjIBO6","title":"Мцыри","authorLine":"Михаил Юрьевич Лермонтов","primaryAuthorId":"41b1c20d-2a83-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/da7271a1-1d77-102c-96f3-af3a14b75ca4/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/25ZjIBO6"},{"idCatalog":608453,"shortId":"08sa2sZn","title":"Паломничество Чайльд-Гарольда","authorLine":"Джордж Гордон Байрон, Вильгельм Вениаминович Левик","primaryAuthorId":"c70fd6f3-2a93-102a-9ac3-800cba805322","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-litres-public/content/4382eaac-95e0-11ef-8ce3-0cc47af30fe4/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/08sa2sZn"},{"idCatalog":760743,"shortId":"2yXhk8jx","title":"Моцарт и Сальери","authorLine":"Александр Сергеевич Пушкин","primaryAuthorId":"fec2b083-2a80-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/1c574bdc-0567-102c-99a2-0288a49f2f10/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/2yXhk8jx"},{"idCatalog":764825,"shortId":"2J2MNa0N","title":"Бахчисарайский фонтан","authorLine":"Александр Сергеевич Пушкин","primaryAuthorId":"fec2b083-2a80-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/be2abb63-055e-102c-99a2-0288a49f2f10/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/2J2MNa0N"},{"idCatalog":803229,"shortId":"2BziUkGx","title":"Бородино","authorLine":"Михаил Юрьевич Лермонтов","primaryAuthorId":"41b1c20d-2a83-102a-9ae1-2dfe723fe7c7","coverUrl":"https://storage.yandexcloud.net/bookra-catalog-pd-public/content/7c342767-8473-11e5-8769-00259059d1c2/thumbs/400.webp","publicUrl":"https://bookra.app/books/2BziUkGx"}],"similarBooksPagination":{"page":1,"pageSize":12,"totalItems":189,"totalPages":16,"hasPrev":false,"hasNext":true}},"notFound":false}